Ирон адæм иртæст цæуынц иннæ адæмты 'хсæнæй се 'взаг æмæ 'гъдауæй. Уыдон нын баззадысты нæ рагон фыдæлтæй, æмæ сæ бахъахъхъæнын æмæ
дарддæр хæссын у нæ хæс. Не 'гъдаумæ æнусты дæргъы хаст æрцыд
ивддзинæдтæ, цыдæртæ æрбафтыд сыхаг адæмтæй, æмæ йæ æгас Иры дзыллæ
æмхуызон нал кæнынц. Уый раст нæу. Куыд иу адæм, мах хъуамæ хæст уæм иу
æгъдауыл.
Нæ иумæйаг æгъдау сбæлвырд кæныныл стыр куыст бакодта Аланты Ныхасы
сæрмагонд къамис. 2003 азы мыхуыры уагъд æрцыд Ирон Æгъдæутты цыбыр
бæрæгуат, кæцыйыл бакуыстой æмæ йæ мыхуырмæ бацæттæ кодтой Гаппуаты
Тæтæрхъан, Калоты Георги, æмæ Мырзаганты Махар. Рецензенттæ йын сты
профессортæ Цыбырты Людвиг, Хацырты Анзор æмæ Гуыриаты Тамерлан, бæрнон
редактор ― профессор Джыккайты Шамил. Уыцы бæрæгуатæй мæ зæрды ис ам
хицæн хæйттæ мыхуыры рауадзын. Абон уал ын мыхуыр кæнын йæ разныхас.