Ирон
адæм цæрынц хæхбæсты, горæтты, хъæуты, Уæрæсейы, хæстæг æмæ дард
фæсарæнты. Уыдонæн ис иумæйаг бæрæгбæттæ: Цыппурс, Ногбон, Уацилла,
Куадзæн, Джеоргуыба, Джеры дзуар, Хетæджы Уастырджи æмæ æндæртæ
Пысылмон бæрæгбæттæ: Рамадан, Хъуырман æмæ афтæ дарддæр. Хæхбæсты,
хъæуты, стæй иуæй-иу мыггæгтæн ис бирæ æндæр бæрæгбæттæ Æрмæстдæр Цæгат
Ирыстоны ис 150 кувæндонæй фылдæр. Дæнцæгæн зæгъæм:
Туалгомы — 36;
Куырттаты комы — 26;
Уæлладжыры комы — 20;
Терчы галиу фарс — 18;
Терчы рахиз фарс — 17;
Дыгургомы — 16;
Хъобаны, Дæргъæвсы æмæ Санибайы — 6.
Нæ фыдæлтæн къуырийы бонтæй алкæцыйæн дæр уыдис сæрмагонд мидис. Уый у
æнæмæнг афтæ, уымæн æвдисæн у ирон адæмон сфæлдыстад. Бонтæй алкæмæн
дæр ис йæхи зæд, йæхи бардуаг. Зæгъæм, Хуыцаубонæн йæ ном ис йæ уæлæ:
Хуыцауы бон у, æмæ уыцы бон фылдæр арæм не Скæнæг Стыр Хуыцауы ном,
къуырисæр у Уациллайы бон, йæ бæрæгбон дæр вæййы къуырисæры, дыццæг —
Уастырджийы бон (дыгурмæ — Геуæргибон), æртыццæг — Бынаты бардуаджы
бон, цыппæрæм — Мыкалгабырты, майрæмбон — Мады Майрæмы бон, сабат —
мæрдты бон. Чи зоны, искæмæ раст нæ фæкæсдзæн æмæ уый бафæрсдзæн: кæд
дыццæг Уастырджийы бон у, æртыццæг — Бынаты бардуаджы, уæд сын сæ ном,
къуырисæры æмæ дыццæджы куы 'рталынг вæййы, уæд цæмæн арæм? Уымæн æмæ
рагон ирон нымадæй суткæ æхсæвы фыццаг сахатыл нæ райдайы, фæлæ, куы
баизæр вæййы, уæд. Сабаты, куы баталынг вæййы, уæд фæзæгъæм: ахсæв у
Хуыцауы æхсæв, хуыцаубоны изæрæй та — къуырисæры æхсæв æмæ афтæ
дарддæр.
Нæ адæм æнусты дæргъы сæ бæрæгбæттæ къуырийы бонтимæ дзæгъæлы не
сбастой æмæ нæ рахастой. Ныр иуæй-иу лæгтæ, иуæй-иу рæтты цæрджытæ æгæр
бирæ бæрæгбæттæ кæнын байдыдтой. Бæрæгбон æнæ нозт нæ вæййы. Адæймаг
карз нозт æгæр арæх куы нуаза, уæд "нозт йæ кæнæгæн дæр нæ бары", æмæ
свæййы расыггæнаг, æгад, йæ æнæниздзинад хæлы, бирæ нæ цæры. Алцы дæр
фидауы бæрцæй. Бæрæгбагттæн хъуамæ уа сæрмагонд фæтк æмæ бæрц. Æрвылбон
бæрæгбæттæ куы кæнæм, уæд ма кусгæ та кæд кæндзыстæм æмæ цæмæй
цæрдзыстæм? Æнæ кусгæйæ цард нæй. Уымæ гæсгæ равзарын хъæуы
сæйрагдæртæ, æппæтадæмон бæрæгбæттæ. Афæдзы мидæг бæрæгбæттæ иу хатт
конд цæуæнт Хуыцауы, Уастырджийы (зæгъæм, Хетæджы бон æмæ
Джеуæргуыбаты), Уациллайы, Бынаты бардуаджы, Мыкалгабырты, Мады
Майрæмы, Чырыстийы, Куадзæны (чырыстæттæн), Фацбадæнтæ (дыгурæн),
Рамадан, Хъуырман æмæ а.д. (пысылмæттæн). Иу бон та сæрмагонд нысангонд
æрцæуæд мæрдты мысынæн, сæ ингæнтæм, уæлмæрдтæм базилынæн. Уымæй уæлдай
ма æнæ кæнгæ нæй Ногбонæн. Уадз нæ адæмæн амонд æмæ фарн хæссæд азæй
азмæ нæ бакуыстæй æмæ Хуыцауы фæрцы!
Ирыстон цæрæнбонты фидар æмæ цытджын уыдзæн æрмæст йæ хъæбулты руаджы.
Уыдон къаддæр куы кæной, куы сæфой, уæд ын сомбон нæй. Хуыцау æмæ нын
зæдтæ арфæ ракæнæнт, сæ хорзæх нæ уæд. Уадз æмæ Ирыстоны гуырой
амондджын хорз кæстæртæ, фылдæрæй-фылдæр кæной, бирæ уарзой æмæ
цæстыгагуыйау хъахъхъæной Райгуырæн зæхх, тырной ахуырмæ æмæ
лæгдзинадмæ. Мауал нæм уæд иунæг наркоман дæр æмæ расыггæнаг дæр. Цæмæй
афтæ уа, уый тыххæй нæ фыдæлтæ скодтой сæрмагонд адæмон бæрæгбон —
Кæхцгæнæн. Хуыцау æмæ адæмы фæрцы ацы бæрæгбон кæнын хъæуы рæсугъд,
хъæуы йæ фæхуыздæр кæнын, цæмæй уый кæстæртæн царды фæуа стыр ахъаз,
æвдадзы хосы хуызæн, цæмæй хайджын уой Хуыцау æмæ зæдты хорзæхтæй.
Уæлдæр нымад хъуыдытæм гæсгæ, Аланты Ныхасы хистæртæ, культурæ æмæ
æгъдæутты къамис, æмбырдты адæмы бафæрсгæйæ, æрцыдысты ахæм хатдзæгмæ:
скæнын хъæуы ирон адæмы иумæйаг бæрæгбæттæ афæдзы мидæг:
Тъæнджы мæйы (январы)
Ногбон — фыццæгæмы.
Бынатыхсæв.
Ногбон æхсæв (зæронд нымадæй) — 13-14.
Бадæнтæ.
Фацбадæнтæ (фæстаг хуыцауыхсæв).
Æртхъирæны мæйы (февралы)
Комахсæн.
Тæргæйтты мæйы (мартъийы)
Урсыкъуыри (цæрвкъахæн).
Хор-хоры бон (Рæмон бон).
Тутыр.
Хуымгæнæны мæйы (апрелы)
Куадзæн.
Зæрдæвæрæны мæйы (майы)
Зæрдæвæрæн.
Хурхæтæны мæйы (июны)
Кæрдæгхæссæн.
Дауджытæ.
Реком.
Дзывгъис.
Сусæны мæйы (июлы)
Уацилла.
Хетæджы бон.
Кæхцгæнæнтæ.
Майрæмы мæйы (августы)
Атынæг.
Мады Майрæм.
Майрæмы куадзæн.
Задалескы Нана.
Рухæны мæйы (сентябры)
Хуыцауы дзуары бон.
Мыкалгабыртæ.
Джеры дзуар.
Кæфты мæйы (октябры)
Хоры сæры куывд.
Джеоргуыбайы мæйы (ноябры)
Джеоргуыбайы къуыри.
Цыппурсы мæйы (декабры)
Никкола.
Цыппурс (фæстаг цыппæрæм).
Ирыстоны кадджындæр бæрæгбæттæй иу у Ног аз. Ног азы бон кæнынц дыууæ
хуызы. Ног нымадæй 31 декабрæй 1 январмæ. Зæронд нымадæй та — 13-14
январы. Фыццаг заманы кодта хъызт зымæг, бирæ мит-иу æруарыд æмæ суанг
уалдзæгмæ нæ тади. Ногбон æхсæв-иу ирон адæм хæдзаргай æмæ сыхгай
скодтой стыр æртытæ. Æртыты æвæрдтой хус хæтæлтæ, къæрцгæнагтæ. Фæсивæд
фиу æмæ цыхтæй кодтой физонджытæ. Æмдзыхæй иу хъæр кодтой: "Сой цæуы,
сой, — ацы арты нæ фыдбылызтæ басудзæнт, ног аз нын хорздзинæдтæ
æрхæссæд".
Бæрæгбон уæлдай хъæлдзæгдæр уыдис хæхбæсты. Стыр арт-иу рухс кодта ком
æмæ хæхтæ. Зæрондæй, æрыгонæй иууылдæр цыдысты арты цурмæ, йæ сæрты
гæппытæ кодтой, къахдзоныгътыл бырыдысты. Райсомæй-иу хадзары хистæр
нæлгоймæгтæй исчи раздæр сыстад, хæдзармæ-иу æрбахаста æрцыхъæды
къалиутæ æмæ куывта: "Ам цал хилы æмæ къуызыры ис, уал хорздзинады уын
ног аз æрхæссæд".
Ногбон æхсæв-иу фæсивæд хæдзар-хæдзар зылдысты, хæдзаронты зарæг
кодтой, фысымтæ сæ хъæлдзæгæй хæдзармæ хуыдтой, кæрæдзийы уарзтой бирæ
æмæ æнæзæрдæхудтæй цардысты.
Ногбоны зарджытæ
Хæдзаронтæ, хæдзаронтæ (ногбоны арфæтæ)
Хæдзаронтæ, хæдзаронтæ,
Уæ райсом хорз уа!
Уæ алы аз уыл æгасæй цæуа!
Уæ сæдæ фидæн хуыздæр уа!
Уæ лæг саг амара!
Уæ ус тæрын ныййара!
Уæ фос цот ракæной!
Уæ хуымтæ æфсир æфтауой!
Уе 'фсин басыл скæна!
Уæ басылы къух мæн фæуа!
Басилти зар
Уæ басилтæ, басилтæ!
Хуæрз басилтæ, гъой, гъой!
Гъой, уе 'фсийни лæхъуæн фæууа!
Гъой, уæ хецау саг рамара!
Махæн басийлаг раттайтæ, раттайтæ!
Цъæх авгидзаг цъæх арахъ, цъæх арахъ!
Сау гъосини сау бæгæни, сау бæгæни!
Цæхцæхгæнгæ цæхгун фарс, ццехгун фарс!
Не 'ртæ къерей, не 'ртæ къерей —
Радæттетæ, радæттетæ!
Уæ, Батæ, фæууæмæцæуæн,
Кæд цæлæмбуд дæ, нæ уæмæ цæуæн,
Фæстæмæ цæуæн!
Ирон адæмон бæрæгбæттæ баст сты фæллоимæ, хъæууон хæдзарадон
куыстытимæ, сæ фыццаг къорд — хорæрзадимæ, сæ дыккаг корд та — тыллæг
бахъахъхъæнын æмæ бафснайынимæ. Зымæг адæм бацæттæ кæнынц уалдзæгмæ
быдыртæ, кусæнгæрзтæ, уый фæстæ уалдзыгон куыстытæ раййафынц сæрды æмæ
фæззæджы куыстыты, уыдонмæ гæсгæ конд сты уæлдæр ранымад бæрæгбæттæ.
Ирон адæм, профессор Цыбырты Людвиг куыд фыссы (чиныг "Ирон адæмон
бæрæгбонтæ". — Дзæуджыхъæу, 1999, 32 фарс), афтæмæй бæрæгбæтты афон
нымадтой сæйраджыдæр Комахсæн, Куадзæн æмæ Майрæмыкуадзæнæй. Комахсæны
афон бæрæг кодтой, ног азæй ранымайгæйæ, мæйы къæлиндармæ гæсгæ. Ног
азæй Комахсæнмæ хъуамæ рацыдаид фондз къуырийæ фараст къуыримæ: алы аз
æмхуызон не 'ййæфта. Зæгъæм, Ног азæй Комахсæны астæу ис авд къуырийы,
уæд бæрæгбæтты æхсæн къуыритæ уыдзæн мæнæ уый бæрц: Комахсæнæй
Куадзæнмæ — авд, Куадзæнæй Зæрдæвæрæнмæ — æхсæз, Зæрдæвæрæнæй
Кæрдæгхæссæнмæ — иу, Кæрдæгхæссæнæй Атынæгмæ — дыууæ, Атынæгæй Майрæмы
куадзæнмæ — æртæ-фондз, Майрæмы куадзæнæй Фыдыуанимæ — дыууæ,
Фыдыуанийæ Ичъынамæ — цыппар, Ичъынайæ Уастырджимæ — æхсæз, Уастырджийæ
Цыппурсмæ — æхсæз, Цыппурсæй Ног азмæ — иу, Ног азæй Комахсæнмæ —
фондз-авд къуырийы.
Бæрæгбæтты афонтæ æмæ, се 'хсæн цал къуырийы уыд, уыдон нымадтой мæйы
къæлиндармæ гæсгæ. Кæд мæй Ногбонты снæуæг, уæд Ног азæй Комахсæнмæ
хъуамæ рацæуа авд къуырийы, кæд мæй Ног азæй къуыри фæстæдæр сног уа,
уæд та — фондз къуырийы. Ног азæй Комахсæны æхсæн цас рæстæг рацыдаид,
уымæ гæсгæ бæрæг кодтой афæдзы æппæт бæрæгбæтты бонтæ.
Ирон адæм ма бæрæгбæтты афон нымадтой Куадзæнмæ гæсгæ дæр. Куадзæн
фæкæнынц 22 мартъийæ 25 апрелы æхсæн бонтæй иуы, зæронд нымадмæ гæсгæ
кæд æррæййафы, уæд.
Зæгъын хъæуы æргом: нæ адæм Хуыцау æмæ зæдтыл уыдысты иузæрдион,
сарæзтой сæхи ирон адæмон дин, уый зыны Нарты кадджыты дæр. Чидæртæ йæ
муртаккаг дин хонынц, хæссынц æм фаутæ, фæлæ уый у адæмон дин, скифтæ
æмæ алантæй баззайгæ, уый у нæ культурæйæн йæ ахъаззаг хай. Ирон фынг,
ирон æгъдау никæд уыдысты æгад æмæ нæ уыдзысты. Бон цæуы æмæ фарн
хæссы, цард куыд цæуа размæ, афтæ уыдон дæр хуыздæр кæндзысты. Раст
зæгъынц æмбаргæ лæгтæ (газет "Рæстдзинад", 13 ноябрь 2002 аз): "Не
'гъдæутты ныхмæ хъæддыхæй архайын райдыдтой, кæддæр Хуыцауимæ тох чи
кодта, уыцы интеллигенцийы иуæй-иу минæвæрттæ. Ис дзы ахæм хамелеонтæ
дæр, кæцытæ сæ ныхмæ хæцыдысты, ныр та сайынц адæмы дæр æмæ Хуыцауы
дæр. Фæлæ ничи никæй асайдзæн: адæмы цæст уынаг у, гæдыйы къах та цыбыр
у... Адæмы фыдæх æмæ Хуыцауы фыдæх иу сты, æмæ нæ хъæуы нæ адæмы диныл,
нæ адæмы æгъдæуттыл фаутæ æвæрын. Алы адæмæн дæр зынаргъ сты йæхи
æгъдæуттæ".
Фæлитойтæ нæдæр Хуыцауæй, нæдæр адæмæй тæрсынц æмæ рухс кувæндæттæй
хынджылæг кæнынц, давынц мысайнæгтæ, аразынц сæхи фæндонæй кувæндæттæ
æхца æмбырд кæнынæн, сæхи пайдайæн. Ныууадзын хъæуы уыцы æнаккаг ми.
Ирон дин, ирон æгъдæуттæ сты кадыл даринаг, сæ халын фыдракæнд у.
Хуыцаумæ кувын хъæуы сыгъдæгзæрдæйæ. Нæ фыдæлтæ дзуары бын æвæрдтой
æвзист æхца. Мысайнаг тыхтой сыгъдæг бæмбæджы, кувæндонмæ цыдысты уд
сыгъдæгæй æмæ буарсыгъдæгæй, буц æмæ аивæй. Не 'мбæлы дзуары бын
нозтджын, бæгънæг æмæ фыдзæрдæ уæвын. Ныууадзын хъæуы карз нозт нуазын
кувæндæтты!
Кувæндонмæ хæссынц æрмæст хæбизджынтæ: æртæ æртæдзыхоны кæнæ æртæ чъирийы, физонæг, дон æмæ бæгæны.
Фылдæр адæм дзуары бынмæ кувынмæ хастой æмæ хæссынц ирон бæгæны, кæнæ
къуымæл. Кувæндонмæ бирæ нозт хæссын, бирæ хæрдзтæ кæнын, бирæ æхцатæ
дзы мысайнагæн æвæрын не 'мбæлы.
Адæймаг дзуары бын хъуамæ йæхи дара уæздан æмæ æгъдауджынæй, æвзæр æмæ
тызмæг ныхас ма кæна. Куывддоны фидауы æрмæстдæр сыгъдæгдзинад, дæ
фæстæ кувæндон æнæфснайдæй æмæ æдзæлгъæдæй ма ныууадз.
Кувæндоны уынаффæгæнæг у дзуары лæг. Уый æвзарынц адæм, хъæубæстæ,
сыхæгтæ (хæлттæ сæппаргæйæ). Дзуары лæг вæййы æууæндæг Хуыцауыл æмæ
дзуæрттыл, æгъдауджын, кадджын æмæ сыгъдæгзæрдæ адæймаг. Уый кувæндонмæ
зилы, сыгъдæг æй дары, кувинæгтæ кувы.
Дзуары лæгтæн бар нæй (нæ фæччы) мысайнæгтæй иу капекк дæр сæ дзыппы
сæвæрынæн. Уыдон адæмы раз афæдз иу хатт дзуапп дæттынц æмæ сын æмбарын
кæнынц, цас æрæмбырд ис мысайнæгтæ æмæ цæуыл хардз æрцыдысты, уый.
Аланты Ныхасы кусы дзуары лæгты Совет. Советы уæнгтæм хæлттæм гæсгæ
æвзæрст æрцыдысты дзуары лæгтæ округтæй, районтæй, хъæутæй. Уыцы Совет
мысайнæгтæм ницы бар дары. Æрмæст бæрæг кæны, цæмæй мысайнæгтæ адæмы
фæндонмæ гæсгæ хардзгонд цæуой, куыд æмбæлы, афтæ: кувæндонмæ базилыны
тыххæй, йæ кувæн бон адæмæн куывд саразынæн, мæгуырæн, тыхст рынчынæн
æмæ бирæсывæллонджын бинонтæн баххуыс кæнынæн. Ирон æгъдæутты къамисы
æмæ фылдæр адæмы фæндонмæ гæсгæ æгъдæуттæй ивд ницы цæуы, æфтаугæ дæр
сыл нæ кæнæм, чи куыд куывта, афтæ кувæд, — уый хорз у. Æрмæст
адæймаджы куывд хъуамæ уа сыгъдæгзæрдæйæ. Хуыцауæй курын хъæуы
хорздзинад, сабырдзинад, æнæниз æмæ уарзондзинад.
|