IRISTON
Меню сайта
Категории раздела
Древность [3]
Новая история [12]
Гербы и флаги [15]
Культура Осетии [16]
Древние знания осетин [6]
Святые места Осетии [9]
Религии в Осетии [7]
Осетия в XV — начале XVIII в. [11]
Осетия в XVIII в. [11]
Осетия в пер. половине XIX в. [16]
Осетия во вт. половине XIX в. [5]
Форма входа
Реклама
Мини-чат
200
Главная » Статьи » Осетия » Культура Осетии

МАРДЫ ÆГЪДÆУТТÆ
Марды æгъдæуттæ Ирыстоны хъæуты кæнынц алыхуызон. Алчидæр растыл нымайы, цы 'гъдæуттыл сахуыр, уыдон. Кæнгæ та сæ хъуамæ кæнæм иухуызон, цæмæй нæ кæстæртæ иу æгъдау кæной, алырдæм ма хæцой, æмæ уæд нæ суйтæ кæндзыстæм. 
Мæрдджыны хæдзар фæкæсын хъуаг æмæ æвадат куы уа, уæд сыхæгтæн æмæ хæстæджытæн æмбæлы зианджынæн баххуыс кæнын. 
Къамисты хъуыды æмæ адæмы фæндонмæ гæсгæ марды æгъдæуттæ кæнын хъæуы афтæ: 
1. Адæймаг куы амæлы, уæд йæ фарсмæ чи вæййы, уыдонæй йын исчи йæ цæстытыл æрхæцы. Хæдзары бинонтæ телевизор æмæ кæсæн бамбæрзынц, уат æмæ хæдзары дуар, кæнæ кулдуар байгом кæнынц. 
Уый фæстæ мæрдджын бинонтæ фыццаджыдæр фехъусын кæнынц сæ сыхæгтæн, хæдзармæ хæстæгдæр чи у, уыцы адæмæн, æмæ уыдон æрбамбырд вæййынц мæрдджыны хæдзары. 
2. Сыхæгтæ сæхимидæг баныхас кæнынц, мардмæ чи базилдзæн, уый тыххæй (нæлгоймаг мардæн лæггад кæнынц нæлгоймæгтæ, сылгоймаг мардæн та — сылгоймæгтæ). Марды хъæуы ныннайын, ныддасын, йæ уæлæ йæ мæрдцзаг дарæс скæнын æмæ йæ æрæвæрын йæ сынтæджы. 
3. Хæдзары бинонтæ мыггаджы æмæ сыхы хистæртимæ бауынаффæ кæнынц: 
— кæд уыдзæн мард æвæрæн бон; 
— кæдæм æмæ кæй арвитой хъæргæнæг; 
— чи ацæудзæн кусæрттаг æлхæнынмæ; 
— марды чырын саразын кæмæн бабар кæндзысты; 
— кæцы уæлмæрды æвæрд æрцæудзæн мард æмæ чи архайдзæн уыцы хъуыддæгтыл (мардласæн машинæ, агуыридуртæ, къæйтæ-плитатæ æмæ æндæр хъуыддæгтæ); 
— кæртæн уынаффæгæнæг чи уыдзæн; 
— чи арфæ кæндзæн мæрддзыгойæн; 
— чи лæудзæн уырдыгыстæг; 
— ингæн къахынмæ чи ацæудзæн; 
— кусарт, нозт æмæ хойраджы хъуыддгтæ чи кæндзæн; 
— чи æрбаласдзæн стъолтæ, тæбæгътæ, пъалаткæтæ, агуывзæтæ æмæ æндæр мигæнæнтæ, суг, газ. 
4. Марды куы цынайынц æмæ йæм куы базилынц, уæд ыл йæ уæлæдарæс скæнынц. Чырыны йæ куы февæрынц, уæд сыхæгты нæлгоймæгтæй хистæр æрбацæуы æмæ йын йæ чырын ныххæлар кæны, æмæ мард чырыны сæвæрынц. 
Пысылмон адæм та фæархайынц сæ динмæ гæсгæ. 
5. Адагймаг куы амæлы, уæдæй йæ ныгæнæн бонмæ хæстæджытæ æмæ сыхаг сылгоймæгтæ, кæрæдзийы ивгæйæ, æппынæдзухдæр бадынц марды раз. 
6. Мæрддзыгой кæй фæстæ цæуы, уый хæдзары фынгæвæрд нал кæнæм. 
7. Мардмæ æрцæуæгæн не 'мбæлы: 
— дардæй хъæрæй кæугæ цæуын; 
— уæрджытæ хойын, рустæ æмæ дзыккутæ тонын (вæййы афтæ дæр, æмæ хъæргæнгæ æрбацæуы, адæмы йæхимæ æркæсын кæны æнæ цæссыгæй, — уый у цæстмæми); 
— хъæбыстæ, пъатæ кæнын æмæ къухтæ исын; 
— ронбæгъдæй цæуын; 
— æнæ худæй, æнæ кæлмæрзæнæй, былахуырстæй цæуын (гæнæн æмæ амал куы уа, уæд); 
— урс æмæ цыбыр дарæсы цæуын; 
8. Мардмæ бацæуæн фæндаг хъуамæ уа уæгъдибар. Марды цур не 'мбæлы тамако дымын, къухтæ дзыппы дарын, мардмæ чъылдыммæ лæууын, хъæрæй кæнæ тызмæгæй дзурын. 
9. Мæрддзыгой адæм нымæцмæ гæсгæ цæуынц къæйттæй (дыууæ, кæнæ цыппарæй). Дыууæйæ ныхас кæны, рахизфæрс чи лæууы, уый, цыппарæй — рахизфарсæй дыккаг адæймаг. Иннæтæ се 'ппæт тæфæрфæс кæнынц сæргуыбырæй. 
10 .Мæрдджынтæ æмæ арфæгæнæг лæууынц кæртмæ бахизæнæн (подъездæн) йæ галиу фарс. 
Мæрдцзыгой куы æрбацæуы мæрдджыны хæдзармæ, уæд, хъыггæнгæ чи фæцæуы, уыдон лæууынц разæй æмæ хъыггæнгæ бацæуынц марды уæлхъусмæ. Иннæтæ тæфæрфæрс ракæнынц æмæ иуварс æрлæууынц. Хъыггæнгæ чи бацыд, уыдон куы раздæхынц, уæд тæфæрфæс ракæнынц, куыд æмбæлы, афтæ. 
11. Зианджыны кæрты уынаффæ кæны æгъдауджын адæймаг, сыхаг лæг. Уый сæрмагондæй раздæр сбæлвырд кæны: 
— марды кæртмæ куы рахæссой, уæд æй æрæвæрын хъæуы — йæ æргом хурыскæсæнмæ, пысылмон марды та — динмæ гæсгæ; 
— чырыны галиу фарс — чырыны сæр; 
— чи байгом кæндзæн саударæн æмбырд, чи ныхас кæндзæн. (Зиан кæртмæ куы рахæссой, уæд рæстæгмæ арæзт хъæдæй цыртдзæвæн æмæ веноктæ æвæрд вæййынц зианмæ хæстæг къулы рæбын); 
— марды куы сисой, уæд чи хæсдзæн чырын, чырыны сæр, йæ къам-портрет, цыртдзæвæн, веноктæ æмæ хæрзиуджытæ. 
12. Саударæн æмбырды хъæуы цыбыр æмæ æргом ныхас кæнын, чи уыд æмæ цавæр адæймаг уыд, уый тыххæй. Фыццаг ныхасы бар вæййы сыхæгтæн, дыккаг — йæ куыстæй, фæстаг — мыггаджы номæй дзурæгæн. 
Саударæн æмбырды не 'мбæлы фæрсын, кæй ма фæнды раныхас кæнын, зæгъгæ. 
13. Ирон мардмæ æрцæуы бирæ мæрддзыгой æмæ, чи дзура, уый ныхас хъуамæ адæм хъусой, фæрссаг ныхас дзы не 'мбæлы. 
14. Марды уæлхъус раарфæ кæнын æмбæлы, чи балæггад кодта, уыдонæн се 'ппæтæн. 
15. Мардæн конд нозт æмæ хойрагæй аходын не 'мбæлы, цалынмæ сæ ныххæлар кæной, уæдмæ. Кæрты лæггадгæнджытæн æмæ ингæнкъахджытæн саразæн ис хицæнæй æгъдау: сцæттæ кæнын сæрмагондæй, цы хъæуы, уый æмæ ингæнкъахджытæн та арвитын хæринаг, цы æмбæлы, куыд æмбæлы, афтæ. 
16. Мæрдæхсæвæр кæнын не 'мбæлы. Уый у тæригъæддзинад Мæрдты бæсты. 
17. Мард ныгæнæн бон райсомæй кæрдзынгæнæг сылгоймæгтæ хыссæйы сæрæй скæнынц æртæ чъирийы. Уыдон æрæвæрынц стъолыл нозтимæ, мæрдджыны хæдзары. Фæдзурынц марды мыггагæй кæнæ сыхæгты хистæртæй дыууæ нæлгоймагмæ. Уыдон скувынц æмæ Хуыцауæй курынц: "Стыр Хуыцау, ацы зианæй фæстæмæ хæдзары æртыгай чъиритæ цины хъуыддæгты куыд кувæм, ахæм арфæ ракæн". Бадгæ не 'ркæнынц. Сылгоймæгтæ та цæттæ кæнынц хойрæгтæ хæрнæджы фынгæн. Ныртæккæ иуæй-иутæ ацы æгъдау нал кæнынц, æмæ уыцы æртæ чъирийы хæрнæджы фынгмæ рахæссынц, хистæры раз сæ æрæвæрынц, — æмæ уый раст нæу. Хæрнæджы фынгыл хистæры раз æвæрæм дыууæ чъирийы. Фыдæлтæй æрхæццæ арфæ: "Æртæ чъирийы куыд кувæм", зæгъгæ, уымæн æмæ хæрнæджы фынгыл не 'вæрдтой æртæ. 
18. Мард куы ахæссынц, уæд сыхæгты æмæ мæрдджын мыггаджы хистæртæ цыппарæй бацæуынц мæрдджыны хæдзармæ (стыр хæдзæртты — кæрты къæбицмæ) æмæ, мардæн цы цæхх æмæ кæрдзын æрцæттæ кодтой, уыдон ныххæлар кæнынц. Куы ныххæлар кæнынц, уæд фыдызгъæл, нозтытæ æмæ хæринæгтыл цæхх айзæрдынц, стæй сæ карды фындзæй карддзæф фæкæнынц. Хæлар чи ныккæны, уыцы хистæртæ нуазгæ æмæ бадгæ нæ кæнынц, рацæуынц мæрддзыгоймæ æмæ семæ хæрнæджы æрбадынц. Йæ бон кæмæн у, уый цæуы уæлмæрдтæм. 
19. Хæрнæджы æрбадыны разæй адæмæн рахæссын хъæуы дон, сапон æмæ хисæрфæн, цæмæй, кæй фæнды, уый ныхса йæ къухтæ. 
20. Хæрнæджы бадгæйæ, кæрæдзимæ нæ хъæуы хатын карз нозт æмæ хæрынæй. Алчидæр хъуамæ æвдиса йæ хорз æгъдау. Фынгæй стын хъæуы æвронгæй æмæ хæрдхъуагæй. 
21. Фынгыл алы адæймаджы раз дæр хъуамæ уа тæбæгъ, агуывзæтæ нозт æмæ донæн, вилкæ æмæ къухсæрфæн гæххæтт (салфеткæтæ). 
22. Бадты адæмы уæлхъус æмбæлы уырдыглæуджытæ. Хъуамæ дзы уа æгъдау æмæ æфсарм. Рох нæ ма уæд, кæм бадæм, уый. Уырдыгыстæг хистæртæн кæны лæггад, нозтæй йæм ма хатæм. 
23. Хистæрæн сбадын кæнын хъæуы, фынгæн æмæ адæмæн æгъдау чи ратдзæн, æфсæрмы кæмæй кæной, ахæм сыхаг адæймаджы. Дыккаг хистæр вæййы æрцæуæг адæмæй — æгъдауджын адæймаг. 
24. Хæрнæджы бадты хистæр фæбады фынджы райдайæны галиуæрдыгæй фыццаг бынаты, йæ комкоммæ (фынджы рахиз фарс) — æрцæуæг адæмæй дыккаг хистæр. Мæрдджын мыггаджы хистæр бады хистæры фарсмæ. Рæгъытæ уадзы бадты хистæр. 
Хæрнæджы райдианы хистæр æрбахонын кæны саударæг нæлгоймæгты, ратты сын бар сæ саутæ сисынæн. Уыдон сæ куы сисынц, уæд æрбацæуынц хистæртæм нуазæнтимæ. Хистæр сын фæзæгъы: "Абонæй фæстæмæ уæ хил дарын мауал бахъæуæд, цардаудæн уыл кæнæд". 
25. Хæрнæджы фынг æвæрынц афтæ: хистæры раз æвæрд вæййы дыууæ кæрдзыны, кусарты сæр, сæрæн йæ рахиз фарс — бæрзæй. Чъиритæй фæстæмæ æмбæлы дзул, нозт, фыдызгъæл æмæ цæхх. 
26. Хæрнæджы фынгыл мæрдджын æрæвæры, йæ бон цы у, уыцы нозт æмæ хæринæгтæ æмæ дзы уæлдай мацы домæм, ма йæ æвæрæм æфсæрмы бынаты. 
Фæлдисинæгтæ марды хуыссæны (чырыны) цурмæ хæссын фыдæлтæй нæ баззад. 
27. Хæрнæджы не 'мбæлы: 
— бирæ дзурын æмæ тамако дымын; 
— хъæрæй дзурын; 
— фæрасыг уæвын; 
— нуазæнтæ дæттын; 
— хистæрмæ ныхас æппарын; 
— æнæ хистæры бафæрсгæ, фынгæй сыстын; 
— хистæр куы дзура, уæд уæлдай ныхас кæнын; 
— æгæр бадын æмæ бирæ рæгъытæ кæнын, æгъгъæд сты цыппар-æхсæз рæгъы: 
1. Хуыцауы ном. 
2. Рухсаг, чи амард, хист (хæрнæг) кæй номыл у, уымæн; нозтæй чысыл æркалгæйæ, зæгъын хъæуы: "Рухсаг у, дзæнæты бад, дæ фæстæ чи баззад, уыдоныл цардаудæн кæн. Æнæбары хай дзы æндæрæн ма бакæн". 
3. Бинонты цæрæнбон. 
4. Хæдзарвæндаджы зæронд мæрдтæн æмæ, Ирыстоны сæраппонд йæ уд хæстыты чи радта, уыдонæн сæ ном ссарын. Нозтæй калын æмæ хойрагæй хæлар кæнын не 'мбæлы. Хист кæмæн у, уымæн йæхицæн æмбæлы бафæдзæхсын: "Дæ хистæй дæхæдæг бахай кæн, кæмæн цы æмбæлы, уый, куыд дæ фæнды, афтæ". 
Хæстыты чи фæмард, уыдоны ном дарддæр мардæн йæ иннæ кæндты нал хъæуы арын, — иу хатт æрымысын æгъгъæд у мардæвæрæн боны. 
5. Æрцæуæг адæм æмæ сыхбæсты цæрæнбон. 
6. Бæркад. 
28. Цæмæй хæрнæджы æгъдау уа, уый тыххæй хъæуы афтæ: хистæр рæгъ куы рауадза, уæд æм — лæмбынæгæй хъусын. Рæгъ дæргъвæтин ахæссы уымæн, æмæ алчидæр йæ рæгъы дзуры бирæ, уæлдайдæр, куы аназы, уæд. (Куы йæм сдзурай, уæд дыл бабустæ кæндзæн: "Æз дæр худ дарын, хæдзарæй рацыдтæн æмæ мæм ма дзур, мæхибар мæ уадз"). Уый раст нæу, æмæ афтæ мауал кæнæм. 
29. Нуазæнтæ рахæссынц мæрдджынтæ, уыдоны номæй арфæ ракæны æрбацæуджыты хистæр. Сæ нуазæнтæ сын куы аназынц, уæд хæрнæджы хистæр раарфæ кæны мæрдджынтæн æмæ сæм авæры нуазæнтæ (фыццаг мыггаджы хистæрмæ). 
30. Бæркады рæгъы размæ кусарты сæры галиу хъус ралыг кæнынц, фæсаджил æй кæнынц, цæхх ыл æркæнынц æмæ йæ кусарты сæры уæлæ æрæвæрынц йæ лыггæнæн кæстæрты æрдæм. 
31. Нæ фыдæлтæ марды кæнды нæ бадтысты, цæлынмæ мæрддзыгой уæлмæрдæй æрбаздæхой мæрдджыны хæдзармæ, уæдмæ. Ныр дæр хорз уаид, афтæ куы кæниккам, уæд. 
32. Марды фæстæ мæрддзыгой се 'ппæт уæлмæрдтæм нæ цæуынц, — цæуынц æрмæст кæстæр фæсивæд фæкæсынмæ æмæ, мæрдджыны бинонтæм хæстæгдæр чи у, уыдон. Бæрнгонд кæмæн вæййы, уый цыбырæй арфæйы ныхас фæзæгъы ингæнкъахджытæн æмæ мæрддзыгойæн. Ныххæлар ын кæны йæ сыджыты хай, йæ чырыны йын гыццыл сыджыт бакалы. Чырыны æмбæрзæныл спичкæ адарынц, цæмæй гыццыл асудза, уый фæстæ мард баныгæнынц. 
33. Марды кæндтæ афæдзæй-афæдзмæ сты бирæ. Рæстæмбис нымадæй дзы хъæуы 12-14 кусарты. Ныры заманы ахæм хæрдзтæ кæнын бирæты бон нæу, æфсæрмæй мæрдджын хæсты бацæуы. Адæмы фæндонмæ гæсгæ марды кæндтæ кæнын хъæуы дыууæ хатты: йæ ныгæнæн бон æмæ афæдзы бон. Хæрнæг æмæ хисты фынгыл мæрдджыны бинонтæ æрæвæрынц хойраг æмæ нозт, сæ амал куыд уа, уымæ гæсгæ. Иннæ мысæн бонтæ кæнынц, никæй сæм хонынц, афтæмæй зианджын бинонтæ сыхæгтимæ æмæ хæстæг къабæзтимæ. Мысæн бонты тыххæй телеуынынады, газетты æмæ радиойæ нæ хъæуы хъусын кæнын. 
34. Сабатизæрты æмæ майрæмæхсæвты нæ фыдæлтæ кусарт нæ кодтой, нæлгоймæгтæ уырдæм нæ цыдысты. Сыхаг сылгоймæгтæ-иу мæрдджыны хæдзары амбырд сты, уæлмæрдты-иу дыууæ кæрдзыны ныххæлар кодтой, æндæр ницы. 
35. Ныртæккæйы рæстæджы мæрдджын бинонтæ лæвæрттæ кæнынц ингæнкъахджытæн, кæрдзынгæнджытæн æмæ, мардмæ чи базылд, уыдонæн. Дыууиссæдзæм боны та хæстæджытæ мæрдджынтæн хæссынц алыхуызон лæвæрттæ къахыдарæсæй сæры дарæсмæ æмæ сæ марды сынтæгыл сæвæрынц. Уыцы лæвæрттæ нæ фыдæлтæ нæ кодтой, мардæн сты тæригъæды хос, адæмы зæрдæмæ нæ цæуынц, — æмæ сæ мауал кæнæм. 
Нæ фыдæлтæ-иу кодтой афтæ: кæрдзынгæнджытæн лæвæрдтой куатæтæ, цæмæй сæхи ма счъизи кæной, сау чи дардта, уымæн та-иу аивтой йæ сау кæлмæрзæн æндæрæй, — афтæ æмбæлы. 
36. Сабæттаг дæттæм æрмæстдæр мардæвæрæн бон, кæмæн куыд йæ бон æмæ йæ фадат у, афтæ. Стыр фæлхæстæ не 'мбæлы. Сабæттаг чи фыссы, уыдон вæййынц бинонты æвзæрст, æмæ хъуамæ бадой фæсвæд ран, — афтæ аивдæр у. 
Сабæттагæй машинæтæ æлхæнын æмæ сæ зæрдæйыдзæбæхæн рацу-бацу кæнын у тæригъæд хъуыдцаг. Афтæ не 'мбæлы! Сабæттаг æхца хардз хъæуы марды кæндтыл, кæнæ марды номыл адæмæн исты хорздзинад саразынæн. 
Нæ хъæуы цæстмæ митæ кæнын: хъæздгуытæн æмæ хицауадæн бирæ сабæттаг æхцатæ дæттын, мæгуыртæн та — гыццыл. 
37. Тæригъæд хъуыддаг у иу мардæн цалдæр раны цыртдзæвæнтæ æвæрын, уæлдайдæр — фæндæгтыл. Нæ фыдæлтæ-иу афтæ дзырдтой: иу мардæн цалдæр цырты алы рæтты æвæрын у фыдбылыз канд бинонтæн нæ, фæлæ æнæхъæн мыггагæн дæр æмæ, сæ рæзты цы бæлцæттæ цæуы, уыдонæн дæр, — æмæ уыцы хъуыддаг мауал кæнæм. 
Мардæвæрæн æмæ кæнды бонты мæрдджын бинонтæн не 'мбæлы: 
— искæйы æфхæрын, расыг уæвын; 
— фæлдисинæгтæ, уыдонимæ хойрæгтæ цæттæ кæнын; 
— мардæн ингæн къахын, кæнды фынгтæ æвæрын; 
— марды чырын хæссын; 
— лæггадгæнджытæн лæвæрттæ кæнын; 
— мардмæ чи не 'рцыд, кæнæ сабæттаг чи нæ радта, уымæн йæ кой кæнын, кæнæ уый æфхæрын; 
— кæд уавæртæ нæ домынц, уæд мæрдджын хæдзары цины хъуыддæгтæ кæнын, кæнæ цинмæ цæуын; 
— цалынмæ мардæн йæ кæндтæ ахицæн уой, уæдмæ зарын, кафын, хъæрæй худын, фæндырæй цæгъдын æмæ хъæлдзæгдзинæдты архайын. 
38. Хæрнæджы фынгыл цы кусарты сæр æмæ бæрзæй æвæрд вæййынц, уыдон дыккаг бонмæ ма уадзæм æмæ дыккаг хатт ма бадæм зианы фынджы уæлхъус. 
Бæркады рæгъы размæ, кусарты галиу хъус куы ралыг кæнынц, уый фæстæ сæр хъæуы дыууæ дихы фæкæнын. Иу æрдæг дзы хъæуы хистæрты раз æрæвæрын, иннæйы та хъæуы арвитын мæрдджын мыггаджы хистæрæн, кæнæ — æрæвæрын дыккаг фынгыл. Кусарты бæрзæй хъæуы æрлыгтæ кæнын æмæ фынгтыл æрæвæрын. 
39. Мауал æвæрæм хæйттæ мæрддзыгойæн семæ. 
40. Нозт æмæ хæринæгтæй баззайы, æмæ уыдонæй цы 'мбæлы, уый хæссын хъæуы мæрдджыны хæдзармæ. Хæрнæджы иннæ хæринæгтæ байуарын хъæуы мæгуыртæн, сыхæгтæн, зæрæдты хæдзарæн æмæ рæвдауæндæттæн. Хæрнæджы бас мауал калæм, фæлæ йæ æрвитæм зæрæдты æмдзæрæнмæ æмæ сывæллæтты хæрæндæттæм. 
41. Мауал кæнæм стыр цыртдзæвæнтæ, ингæны сæр ма кæнæм агъуыстытæ æмæ æндæр арæзтæдтæ. Ныффидар кæнын хъæуы ахæм æгъдау, цæмæй цыртдзæвæнтæ арæзт æмæ æвæрд цæуой иухуызон, æнæ уæлдай митæй. 
42. Нæ фыдæлтæй баззад ахæм ныхас: "Мæрдджыны цæст уынаг у". Адæм мæрдджыны кæрты кæрæдзийы уынынц, бæрæг вæййы, алчидæр йæхи куыд æвдисы, уый, зынынц æгъдау æмæ æнæгъдаудзинад дæр. Адæймаг хъуамæ æппæты разæй хъуыды кæна йæ мад æмæ йæ фыды сæр, йæ мыггаг æмæ йæ æфсымæрты кад, хъуамæ ирон адæмы фарн ма хала æмæ йæхи дара, куыд æмбæлы, афтæ. Дæ зæрдыл дар: сомбон дæу дæр мæлын хъæудзæн, æмæ дæумæ кæсынц кæстæртæ, дæ цот, æмæ сæ ма æгад кæн, хорз æгъдауыл сæ ахуыр кæн. 
43. Адæм хæрнæджы фынгæй куы сыстой, уæд сыхæгтæ æмæ мæрдджынтæ сæ хæстæджытимæ хъуамæ æрлæууой мæрдджыны кæрты — хæдзары (подъезды) размæ. Æрцæуæг адæм та — сæ комкоммæ. Марды кæнды хистæрæн чи бадт, уый ныхасы бар ратты æрцæуæг адæмæн. Уыдонæй дыккаг хистæрæн чи бадт, уый дыууæ къахдзæфы размæ ракæны æмæ фæзæгъы: "Зиан рухсаг уæд, йæ фæстæ цы бинонтæ ныууагъта, уыдоныл цардаудæн кæнæд, ацы мыггагмæ, ацы кæртмæ æмæ сыхбæстæм абонæй фæстæмæ хорздзинæдтæм куыд цæуæм, Хуыцау уый зæгъæд". 
Уый фæстæ, хистæрæн чи бадт, уый дæр дыууæ къахдзæфы размæ рацæуы æмæ арфæ ракæны æрцæуæг адæмæн æмæ сын фæзæгъы: "Бузныг уе 'ппæтæн дæр. Уæ куыстытæ, уæ хæдзары хъуыддæгтæ ныууагътат æмæ нын нæ зианæн кад скодтат. Абонæй фæстæмæ цинты цæут, цы хæдзæрттæй рацыдыстут, уырдæм фæстæмæ дзæбæхæй сæмбæлут. Уæ фыдæбæттæ уын циндзинады куыд фидæм, Хуыцау уый зæгъæд". Ууыл ахицæн вæййынц мард бавæрæны æмæ хæрнæджы хъуыддæгтæ. 
Æнæмæлгæ дуне нæй, алкæй дæр мæлын хъæудзæн. Зиан афоныл æмæ нывыл куы цæуа, уæд ын быхсын æнцондæр у. Ирыстоныл æрцыд бирæ бæллæхтæ: хæстытæ, ихзæйтæ, аваритæ æмæ æндæртæ. Хуыцау нын сæ мауал фенын кæнæд! Нæ адæмæй алчидæр сæдæ азæй фылдæр цæрæд амондджын æмæ фæрнджынæй! Ахæм арфæ не 'ппæтыл дæр æрцæуæд!
Категория: Культура Осетии | Добавил: ALANIUS (18.06.2008)
Просмотров: 2335
Добавлять комментарии могут только зарегистрированные пользователи.
[ Регистрация | Вход ]
Поиск по сайту
Статистика

Сейчас на сайте: 1
Гостей: 1
Пользователей: 0
Погода в Осетии
GISMETEO: Погода по г.Владикавказ
GISMETEO: Погода по г.Цхинвал
GISMETEO: Погода по г.Беслан
GISMETEO: Погода по г.Алагир
GISMETEO: Погода по г.Ардон
GISMETEO: Погода по г.Дигора
GISMETEO: Погода по г.Моздок
GISMETEO: Погода по г.Ногир
GISMETEO: Погода по г.Сунжа
GISMETEO: Погода по г.Октябрьское
GISMETEO: Погода по г.Эльхотово
GISMETEO: Погода по г.Заводской
Copyright MyCorp © 2024