|
| | |
|
КÆРОНБÆТТÆН
Ирон адæмæн историон зын уавæрты бантыст сæ диссаджы хорз æвзаг æмæ
æгъдæуттæ бахъахъхъæнын. Уыдоны фæдыл мыхуыры рацыд бирæ æрмæг, фæлæ нæ
уыдис бæрæгуат. 2002 азы 25 июны газет "Рæстдзинад"-ы мыхуыргонд
æрцыд цыбыр бæрæгуаты проект ирон æгъдæутты тыххæй. Кæронбæттæны
куырдтам, цæмæй адæм лæмбынæгæй æркæсой амынд æгъдæуттæм. Куыд сбæрæг,
афтæмæй бæрæгуаты проект адæмы зæрдæмæ фæцыд. "Рæстдзинад"-ы редакцимæ,
стæй къамистæм 96 адæймаджы æрбалæвæрдтой сæ фиппаинæгтæ. Районты æмæ
округты Аланты Ныхæстæ дæр къамистæм æрбарвыстой æппæт районты æмæ
округты цæрджыты курдиæттæ æмæ хъуыдытæ. Уымæй бæрæг у, фылдæр адæм кæй
тыхсынц нæ ирон æгъдæуттыл, нæ кæстæртыл, нæ райсомы боныл, уый. Аланты
Ныхас, къамисты уæнгтæ æмæ бæрæгуат саразджытæ уыдонæн зæрдиаг арфæ
кæнынц. Цы æрмæг æмæ фиппаинæгтæ æрбацыд, уыдонмæ лæмбынæг æркастысты
къамисты уæнгтæ се 'рбарвитджытимæ æмæ Аланты Ныхасы советимæ иумæ, æмæ
сæ сфидар кодтой, сæ алкæуыл дæр схъæлæс кодтой, афтæмæй. Ацы цыбыр
бæрæгуат у нæ адæмы иумæйаг фæндонæй арæзт æмæ нæ адæмæн царды хос
фæуæд. Мах курæг стæм ирон адæмæй: абонæй фæстæмæ хъуыддагæй æмæ
зæрдæйæ ма дихтæ кæнæм нæхи — дыгурон, куырттатаг, туаллаг, пысылмон,
чырыстон. Мах иу адæм стæм, иу дзыхæй дзурæм, фылдæр мыггæгтæ тугхæстæг
æййафынц, æмæ хъуамæ кæрæдзийы уарзгæйæ цæрæм, иу бинонты хуызæн. Нæ
мадæлон æвзаг, нæ зæхх æмæ нæ кæрæдзийы бахъахъхъæнæм. Нæ кæстæрты
ахуыр кæнæм æфсармыл, зарыныл, кафыныл, нæ ирон æгъдæуттыл, раст
фæндтыл сæ арæзæм, цæмæй нæм ма уа нозт æмæ хъылма уарзджытæ, фыдбылыз
хæсджытæ, — уæд Ирыстоны цард æмæ кад домбайæ домбайдæр кæндзысты. Нæ
кæстæртæ ахуыр кæнынц хистæртыл, æмæ хъуамæ уыдон сæхи æвдисой, куыд
æмбæлы, афтæ. Цæмæй нæ кæстæртæ размæ тырной ахуырады æмæ зонады
фæндæгтыл, уæд дзы амалджынтæ дæр, фæлæ уæнт æгъдау æмæ æфсармджын, —
«ног ирæттæ» нæ, фæлæ æцæг Ирон Лæгтæ. Махмæ, Ирыстонмæ, ничи
æрцæудзæн æндæр паддзахадæй æмæ сыхаг республикæтæй æгъдау æмæ цард
сæвæрынмæ. Уыдон нæхицæй аразгæ сты, æмæ нæхæдæг нæ цард, не 'гъдау
æвæрæм æмæ саразæм, куыд æмбæлы, афтæ. "Цæйут, æфсымæртау, раттæм нæ къухтæ абон кæрæдзимæ, Иры лæппутæ!" (Хетæгкаты Къоста) Курæм,
цæмæй алы хистæр дæр йæ хорз уагæвæрдæй, йæхи рæсугъд дарыны фæрцы
æрвылбон кæстæрты æвæра раст фæндагыл, кæд ныры заманы уый æнцон аразæн
нæу дзыллон информацион фæрæзты азарæй, уæддæр. Нæ кæстæртыл бирæ
хæсæвæрд ис, уыдон сты нæ райсомы цард аразджытæ, æмæ сæ курæг стæм:
афоныл бинонты хъуыддаг кæнут æмæ уæ цард аразут, цæмæй Ирыстоны адæм
фылдæрæй-фылдæр кæной, мыггæггæ домбай уой, уый тыххæй цот фыддæр
уадзут æмæ зындзинадæй ма тæрсут! Уырны нæ, уæлахиз кæй уыдзыстут, уый!
Не 'рхæсдзыстут уæ сæрмæ æнæгъдау æмæ æнæфсарм уæвын, уæхи дæр æмæ
адæмы дæр хиздзыстут фыдбылызæй, бæрзонд сисдзыстут уæ бинонты, уæ
мыггæгты æмæ Ирыстоны кад. Райсын чиныг æнæхъæнæй.
|
Категория: Культура Осетии | Добавил: ALANIUS (12.12.2007)
|
Просмотров: 1128
|
Добавлять комментарии могут только зарегистрированные пользователи. [ Регистрация | Вход ]
| |
| | |
|
|
| Статистика
| |
Сейчас на сайте: 3 Гостей: 3 Пользователей: 0 |
|
|